Паддзахадон Думӕйы депутат Таймазты Артур Горӕтгӕрон районы объекты арӕзтадмӕ æркаст
Паддзахадон Думӕйы депутат Таймазты Артур Горӕтгӕрон районы объекты арӕзтадмӕ йӕ хъус ӕрдардта. Куыстытӕ арӕзт цӕуынц проект «Комфортная городская среда»-йы фӕлгӕты. Парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы проекты фӕрцы ацы районы сног кодтой 7 кӕрты ӕмӕ 2 ӕхсӕнадон фӕзуаты. Таймазты Артур, куыд регионалон координатор, афтӕ Октябрьскӕйы фӕлладуадзӕн парк бабӕрӕг кодта. Ӕркаст куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ. Ам сарӕзтой сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕзтӕ, фӕзынд дзы ног бандӕттӕ ӕмӕ бырондӕттӕ. Фӕндаджы уӕлцъар дӕр раивтой. Доны станцӕйы цур цы фонтан арӕзт ис, уый дӕр сцалцӕг кодтой. Ацы проект арӕзт у 2017 азы. Цалцӕггонд цӕуынц ӕхсӕнадон фӕзуӕттӕ, кӕртытӕ. Хъӕппӕрис бахӕссынц цӕрджытӕ сӕхӕдӕг. Ацы аз Цӕгат Ирыстоны иумæйагæй сцалцӕг кӕндзысты 38 ӕхсӕнадон бынаты ӕмӕ 127 кӕрты. Ацы куыстытӕн федералон бюджетӕй рахай кодтой 200 милуан сомӕй фылдӕр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон Думӕйы депутат Таймазты Артур Горӕтгӕрон районы объекты арӕзтадмӕ æркаст
Категория:
Новости и СМИ