Хицауады аппаратон æмбырды дзырдтой Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр фарстатыл
Æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырад, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, фæндаггон-транспортон хызæгтæ æмæ спорт. Æппæт ацы къабæзты фæдыл цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кæндзысты сæ райрæзты программæтæ. Ахæм хæс дзуапдæттæг кусджыты размæ сæвæрдта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Нацпроектты чи нæ ис, уыцы мадзæлттæ дæр рох кæнæн нæй. Экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбегæн Сергей Меняйло бабар кодта республикæйы экономикæйы рæзты программæйыл бакусын. Райдайын хъæудзæн нормативон-барадон бындурæй. Уыцы куысты хорз дæнцæг сты Томскы облæст æмæ Татарстан. 2018 азы рахастой уынаффæ, 1980 азы арæзт канатон фæндаг хæлд æрцæудзæн. Фæлæ æртæ азмæ зæронд фуникулер афтæ дæр нæ райхæлдтой. Объекты хицау æхцайы фæрæзтæй куы нæ аххæса уыцы хъуыддагыл, уæд æй Дзæуджыхъæуы администраци йæхимæ райсдзæн. Республикæйы разамынды ныхæстæм гæсгæ, хæрдзтæ уый фæстæ ис объекты хицауæй тæрхондоны уылты æрдомын. Аппаратон æмбырыды ма дзырдтой трамвайты ДЕПОйы хъысмæтыл. Бакæнын æй хъæуы Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны. Фонтан дæр Сæрибары фæзæй ахæсдзысты æндæр ранмæ. Кæдæм, ууыл цæрджытæ схъæлæс кæндзысты онлайн-хуызы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv