Битарты Вячеслав фембæлд Посты Федералон бастдзинады Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг
Битарты Вячеслав фембæлд Посты Федералон бастдзинады Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг Калоты Олегимæ. Æрдзырдтой цæгатирыстойнаг управленийы ахсджиагдæр фарстатыл. Сæрмагондæй, цæрджытæн лæггæдтæ бакӕныны хæрзхъæддзинадыл бæстондæр бакусын, нырыккон технологитæй пайда кæнын, цæмæй сæ республикæйы посты хайæдты фæлхасгæнджытæн удæнцойæн арæзт уой æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Битарты Вячеслав «Почта России» цæгатирыстойнаг хайады кусджытæн арфæ ракодта, пандемийæйы рæстæг сæ куыст кæй нæ ныууагътой æмæ йæ бæлвырдæй кæй æххæст кодтой, уый фæдыл. Калоты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы управленийы сæйраг хæс уыд лæггæдтæ нымæцон хуызмæ раивын. Уыцы бæрæггæнæнтыл куыстой æвæллайгæйæ. IT-технологитæй пайда кæнгæйæ лæггæдтæ ӕххӕст кодтой фæсаууонмæ хуызы. Уый руаджы лæггæдтыл бакусыны рæстæг фӕцыбырдӕр, коронавирусы инфекци апарахат кæнын ма буаудзынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Посты Федералон бастдзинады Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг
Категория:
Новости и СМИ