Мæздæджы районы коммуналон хæдзарады кусджытæ цæттæ кæнынц фæззыгон зымæгон рæстæгмæ
Мæздæджы район 40% -æн цæттæ у хъармгæнæн рæстæгмæ. Уыцы рæстæг райдайы, уæлдæфы температурæ 5 боны дæргъы 8 градусæй хъармæдæр куы нæ уа, уæд. Фыццаджыдæр хъарм ауадзынц скъолатæм, рæвдауæндæттæм, медицинон кусæндæттæм. Уый фæстæ æрцæуы бирæфатерон хæдзæртты рад дæр. Æппæты фæстагмæ батавынц промышленнон бæстыхæйттæ. Пъланмæ гæсгæ коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ бацæттæ кæнынæн рахай кодтой 35 милуан сомы. Йæхи ивддзинæдтæ бахаста коронавирусы пандемийæ дæр. Коммуналон лæггæдтæн адæм къаддæр фидын райдыдтой. Фæлæ уæддæр специалистты ныхæстæм гæсгæ, фæззæгмæ æппæт хъæугæ куыстытæ уазæлтты размæ конд æрцæудзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы коммуналон хæдзарады кусджытæ цæттæ кæнынц фæззыгон зымæгон рæстæгмæ
Категория:
Новости и СМИ