Барадхъахъхъæнæн службæ æнтысджынæй чи хæссы, уыцы пъæлицæйæгты схорзæхджын кодтой Мидхъуыддæгты мин
Куысты мидæг дæнцæгæн хæссинаг чи сси æмæ барадхъахъхъæнæн службæйы рæзтмæ ахадгæ æвæрæн чи хæссы, уыцы пъæлицæйæгтæн аргъ скодта Мидхъуыддæгты разамынд. Схорзæх сæ кодтой кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæй. Профилон министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй участковыты куыст у бæрнон, уымæн æмæ, рад кæм хæссынц, уым дзуапп дæттынц бынæттон цæрджыты æдасдзинад æмæ иумæйаг сабырдзинады фæдыл. Уый хынцгæйæ, æвдисæн сты, йæ куысты æнтыстдзинæдтæ ма чи æвдисы æмæ службæ намысджынæй чи хæссы, уыдон. Ахæм афицерты ’хсæн - Хуыгаты Андрей, Гæджиты Давид æмæ Аркъауты Аслан. Се ’мрæнхъ Хъодзасты Дзерассæ дæр. Сылгоймаг уæвгæйæ йыл цы вазыгджын хæс сæвæрдтой, уый æххæст кæны. Кадджын мадзалы йын скодтой уæлдай стырдæр аргъ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Барадхъахъхъæнæн службæ æнтысджынæй чи хæссы, уыцы пъæлицæйæгты схорзæхджын кодтой Мидхъуыддæгты мин
Категория:
Новости и СМИ