Цæгат Кавказаг форум «Машук» ацы аз ацæудзæн онлайн хуызы
Цæгат-Кавказаг форум «Машук» ацы аз ацæудзæн онлайн хуызы. Ныридæгæн арæзт уыдзæн 11-æм хатт. Ахæсдзæн 10-æй 26-æм августмæ. Мадзалы бацархайынмæ курдиат бадæттын сæ бон у, 18 азæй 30 азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн. Регистраци скæныны бар ис 20-æм июлы онг. Форум арæзт уыдзæн æртæ сменæйæ. Ацы аз архайджыты нымæц уыдзæн 3 минмæ ’ввахс. Фыццаг сменæ - «Глобальные вызовы», зæгъгæ. Баст уыдзæн экологи, бархионты куыст, IT технологитæ, ахуырад, амалхъомад æмæ æндæр къабæзтимæ. Дыккаг фæлтæр «Национальный код»- медиа, æппæтадæмон æмæ культурæты ’хсæн бастдзинæттæ, спорт, культурæ æмæ аивадимæ. Æртыккаг сменæ та - «Мастерская сообществ». Баст уыдзæн сервис æмæ туризмимæ, политикæ æмæ паддзахадон разамындимæ. Онлайн хуызы форум ратдзæн хорз гæнæнтæ йе *нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у , ахæм адæмæн. Проекттæ бахъахъхъæнын, культурон æмæ альтернативон программæты бацархайын , стæй зындгонд уазджыты фенæн уыдзæн онлайн хуызы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказаг форум «Машук» ацы аз ацæудзæн онлайн хуызы
Категория:
Новости и СМИ