Алагиры цалдæр рæвдауæндоны бындурыл сарæзтой радхæссæг къордтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Сæрдыгон рæстæг рæвдуæндæттæн сæ фылдæры фæцæуы цалцæггæнæн куыстытæ. Зæгъæм, Алагиры районы 21 рæвдауæндонæй цалцæг кæнынц 16. Хъомылгæнинæгтæн сарæзтой радхæссæг къордтæ. Алагиры районы ацы сæрд цалцæггонд цæуынц скъолайы агъоммæйы уагдæттæй бирæтæ. Уый тыххæй сывæллæтты ракодтой æндæр рæвдауæндæттæм. Уыдонæй иу — Алагиры 7-æм рæвдауæндон. Магкæты Ритæ у йæ разамонæг. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы бынат — бирæ, хъомылгæнджытæ — фаг. кæд æмæдзы раздæр 10 къорды уыд, уæд ма сæм ныр бафтыд 2. Алагиры 7-æм рæвдауæндон суазæг кодта 15 сабийы. Ракодтой сæ Црау, Дзуарыхъæу æмæ Уæллаг Бирæгъзæнгæй. Уым цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 1 июлы. Хъомылгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, фыццæгты сывæллæттæ зынтæй ахуыр кодтой ног уавæртæм. Фæлæ ныр ног бынат бауарзтой. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ радхæссæг къордтæ сарæзтой Алагиры æндæр рæвдауæндæтты дæр. Æдæппæттæй Алагиры районы ис 21 рæвдауæндоны. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц 16-ы. 5 рæвдауæндоны та æрбынат сты иннæ сабитæ. Æрвыст æрцыдысты ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ. Ома, кæмæн куыд ’ввахсдæр æмæ æнцондæр уыдзæн, афтæ. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv