«Мамысон» ы комплексы райрæзтыл дзырдтой къамисы 'хсæн кусæг къорды æмбырды
«Мамысон»-ы комплексы райрæзтыл дзырдтой къамисы 'хсæн кусæг къорды æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой фидæны курорты алфамбылай культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæнтæ раиртасын æмæ бахъахъхъæныныл. Ахсджиаг фарстаты 'хсæн ма - дондзæуæн æмæ канализацийы системæйы арæзтад, инженерон инфраструктурæйы проект æмæ, комплексмæ цы тъунел цæуы, уый рацарæзт. Æппæт фарстаты фæдыл дæр бакусдзысты дзуаппдæттæг ведомствæтæ. Сæ разамонджытæн хъæугæ амындзинæдтæ лæвæрд æрцыд. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй сæйрагдæр у, цæмæй «Мамысон»-ы проект къухы бафта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Мамысон» ы комплексы райрæзтыл дзырдтой къамисы 'хсæн кусæг къорды æмбырды
Категория:
Новости и СМИ