Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 72 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 72 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 8 390. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 344 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 667, COVID-мæ 129-æй, реанимацийы 58 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 13-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 622 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 169-мæ. Реанимацийы хайады 56 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 23-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 26 сывæллоны æмæ 12 хистæр кары адæймаджы. 21 сывæллоны æмæ 11 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 17 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 9-мæ. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан куыд фæнысан кодта, афтæмæй эпидемиологон уавæр респуликæйы у тæссаг. Цыбыр рæстæгмæ уæлæмхасæн бынæттæ сараздзысты эндокринологон диспансеры. Ныртæккæ дзы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Бынат дзы уыдзæн 132 пациенттæн. Уыимæ ма, 9 реанимацион бынаты дæр. Ныр уал эндокринологон диспансер рæстæгмæ æрбынат кодта фыццæгæм арæндоны. Фыццæгæм арæндон та уал ахастой дыккæгæммæ. Годжыцаты Тамерлан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы пъланмæ гæсгæ медицинон æххуыс дарддæр æххæстгонд цæуы. Фелералон центртæ кусынц раздæры фæткмæ гæсгæ. Онкологон, эндокринологон æмæ тæрниз дзæбæхгæнæн диспансертæ. Республикæйы ис фаг транспорт, цæмæй тагъд медицинон æххуысы службæ йæ куыст кæна. Уæлæмхасæн фæрæзтæ рахай кодта куыд Дзæуджыхъæуы администраци, афтæ муниципалон скондты бынæттон админитрацитæ дæр. Ацы къуыри, министры ныхæстæм гæсгæ, республикæ райсдзæн хостæ. Балхæдтой сæ «Осфарммедтех» куыстуатимæ бардзырдмæ гæсгæ. Федералон бюджетæй сын рахай кодтой 26 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 72 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ