Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон сбæрæг кодтой Алайнаг гимназы
Алайнаг гимназы сбæрæг кодтой Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон. Æрвылаз æй бабæттынц æфсæддон-патриотон куысты мæйы мадзæлттимæ. Равдыст «Подвиги родных языков»-ы радзырдтой Кавказы республикæтæй рацæуæг хъайтарты тыххæй. Ныртæккæ гимназы æдæппæтæй ис 13 къласы. Уыдон хъайтарты цардыл афæлгæсыдысты куыд иронау æмæ уырыссагау, афтæ комкоммæ сæхи æвзагыл дæр. Фехъусæн уыд азербайджайнаг, абхазаг, цæцæйнаг æмæ бирæ æндæр æвзæгтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv