Кинойы хæдзары ацыд Рафаэль Гаспарянцы документалон кинонывы премьерæ
Кинойы хæдзары ацыд режиссер Рафаэль Гаспарянц æмæ продюсер Туаты Теминæйы документалон киноныв «Время Бориса Галаева»-йы премьерæ. Киноныв снысан кодтой фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер Галаты Барисы номыл. Музыкæзонæг æмæ этнограф, Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ы йæ ном бафыста сыгъзæрин дамгъæтæй. Бирæ хъуыстгонд кинонывтæм ныффыста музыкæ. Се 'хсæн «Советская Осетия», «Искусство, рожденное в горах» æмæ зындгонд «Фатимæ». Кинонывы видеоанонстæ равдыстой Екатеринбург æмæ Мæскуыйы. Кинойы хæдзары уазджытæн бацæттæ кодтой равдыст. Уыимæ ма уазджыты сбуц кодта адæмон инструментты ансамбль «Дала-фандыр». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кинойы хæдзары ацыд Рафаэль Гаспарянцы документалон кинонывы премьерæ
Категория:
Новости и СМИ