9 февралы Уæрæсейы бæрæг кæнынц Граждайнаг авиацийы кусæджы бон
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Граждайнаг авиацийы бон. Арфæтæ ацы бæрæгбоны фæдыл канд тæхджытӕ æмæ бортпроводниктыл не`мбæлынц. Ацы къабазы кусынц дæсгай дæсныйы. Сæ фæлтæрддзинад у æгæрон, сæ куыст хорз зонынц. Ацы къабазы куыст у иумæйаг механизмы хуызӕн,сæ куыст баст у адæмы æдасдзинад æмæ комфортимæ. Рæствæндаг ут, зæгъгæ, афæндараст кæны йæ алы бæллцоны дæр Уарзиаты Каринæ. Алы хатт ӕй арфӕ фӕзӕгъын цæстуарзонæй. Ацы хъуыды сси йæ царды стырдæр нысан. Æмæ йæхæдæг мидбылхудгæйæ бафтауы, йæ уарзон куысты нысан. Хæдтæхæгыл ласыны агент сси æртæ азы размæ æнæнхъæлæджы, фæлæ йæ ныр хорз æмбары, йæ царды фæндаг ын уый кæй сбæлвырд кодта. Пассажирты балц райдайы регистрацион тæрхæджы раз. Фæлæ йемӕ баст у, цард ӕнӕрлӕугӕйӕ цӕджджинагау кӕм фыцы, ахӕм дуне. Дæсгай техникон кусæджы, алкæмæн дæ дзы ис йæхи хæстæ.Уыдонæй иу – бæллцæтты æдасдзинад. Уæдæ Дауыраты Асланы куысты фæтк дæр бæлвырд у, иу уæгъд минут дæр ын нæй.Хæдтæхæг куыддæр Ирыстоны зæххыл сæмбæлы, афтæ йæм лæмбынæг æркæсы. Дарддæр Аслан бæрæг кæны шассийы системæ, лæмбынæг æркæсы фюзеляжмæ. Специалист æрзилы хæдтæхæджы алывæрсты. Алы хъуыддагмæ дæр хъæуы бӕстон æркæсын. Хуымæтæг хъуыддаг дæр ам вазынгджын у, цыфӕнды гыццыл аиппæн дæр йæ бон у тæхыны фæткыл сахадын. Бæрнон цæстæнгасæй кӕсын хъæуы ацы куыстмæ. Уый Аслан хорз æмбары. Æгæрон бæрнондзинад ын йæ куыст фылдæр бауарзын кодта. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхи бирæ дæсныйæдты фæлвæрдта, фæлæ йæ хæдтæхджытæ сæхимæ æлвæстой. Уæвгæ, арвмæ уарзондзинад кæй зæрдæйы райгуыры, уыдон æндæр вæййынц. Уæдæ æрыгон специалистты сабидуджы бæллиц цардмæ рауадзыныл архайы Юрий Цамалаидзе дæр. Уый цæттæ кæны дæсны кадртæ, командæйыл апарахат кæны алыхуызон хæстæ, æгуыст ничи вæййы. Йæ фæллойадон фæндаг 40 азы размæ райдыдта. Уæд уыд техникон кусæг. Хистæр специалисттæ иугæндзон сты æрыгæтты фарсмæ. Уымæн æмæ ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ иуылдæр зонынц. Кусджыты фылдæрæн сæ фæлтæддзинад у, æмбал кæмæн нæй, ахæм. Дзырдæн зӕгъӕм, Сергей Долбин инженерæй кусы 30 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ йæ къухы бафтыд Африкæйы бæстæтæм абалц кæнын. Куы цæрджытæн гуманитарон æххуыс кодтой, куы хæхбæсты электрон тыхы станцӕтæ арæзтой, куы та-иу африкӕйаг знæмты æхæн хæсты æвдисæн уыдысты. Уæдæ авд азы дæргъы та Сергей Долбин хуыссын кодта зынгсирвæзтытæ Турчы. Федта, канд Кавказы хæхтæ нæ,фæлæ æппæт дунейы хæхтæ дæр. Сергеймæ ахæм цымыдисаг хабæрттæ бирæ ис. Фæлæ сæ радзурынмæ фылдæр хатт нæ фæразы кæны. Уымæн æмæ уыцы мысинæгтимæ иумæ йæ зæрдыл æрлæууынц ӕндӕртӕ. Зындæр вæййы мысын ахæм цаутæ, кæцытæ æрцыдысты Арвы кæрон нæ, фæлæ фыдыуæзæгыл. Аэропорты нæ фæндагмæ цæст æрдарын æнцон у, уый бæлццӕтты фæрцы. Регистрацийы тæрхæджы раз чызг. Хæдтæхæджы уавæрмæ йе стæхыны размæ цы инженер æркæсы, уый. Пассажирты æнцонвадатмæ хъус чи дары, уыцы бортпроводник. Уæвгæ, бирæ сты – сæдæгæйттæ. Алкæмæдæр сæ ис бæллиц – басгарын æрвон тыгъдад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv