Сергей Меняйло амыдта РЦИ Аланийы хицауады æмбырд Æрæфы районы
Абон Æрæфы районы ацыд Цæгат Ирыстоны разамынды æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Сергей Меняйло. Ныхас цыд социалон объектты арæзтад æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстатыл. Дарддæр ахæм фембæлдтæ уыдзæн республикæйы алы районы дæр. Цыколайы фыццæгæм скъола рацарæзтой 2015 азы. Фæлæ, объект абоны онг экспулатацимæ нæма радтой. Районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар куыд бафиппайдта, афтæмæй куыстытæ æххæстгæнæг компани куыстытæ кæронмæ нæ баххæст кодта. Бæлвырддæр дзургæйæ, зынгсирвæсты ныхмæ æдасдзинады системæ нæ сифтонг кодтой. Кæд æмæ проектмæ гæсгæ нысангонд уыди. Сергей Меняйло фæнысан кодта, фарстайы фæдыл процессуалон куыст хъуамæ дарддæр цæуа. Скъола та æнæмæнг эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа. Ныхас ма цыд Мæцутæйы скъола-интернатыл. 2018 азæй сывæллæттæ ахуыр кæнынц зæрдæхсаинаг уавæрты. Ног объекттæн бынат снысан кодтой. Йæ проектыл хъæудзæн хицæнæй бакусын. Цæмæй æппæт домæнтæ дæр æххæстгонд æрцæуой. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ фарста аиуварс кæнæн ис, проектон институттимæ æмгуыстады руаджы. Ныхас ма цыд цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазыл. Толдзгуны хъæуы дондзæуæн системæ саразын. Нуазынæн дон кæлы донцъирæнæй. Уый та ис заууат уавæры. Хъæуы проектон-хыгъдон гæххæттыл бакусын, цæмæй объект хъæуты бирæвæрсыг рæзты програмæмæ бахæссой. 2014 азы районы «Хæххон фæзуæтты райрæзт»-ы программæмæ гæсгæ сарæзтой газы хæтæл. Фæлæ, дзы цæрджытæ абон дæр нæма пайда кæнынц. Сергей Меняйло бахæс кодта сæрмагонд экспертизæ снысан кæнын. Уæлæмхасæн куыстыты аргъ сбæрæг кæныæн. Риссаг фарстаты 'хсæн - Цыколайы иувæрсты фæндаджы арæзтад. Фадзайты Арсены номыл уынджы цæуы бирæ транзитон хæдтулгæтæ Дыгургоммæ. Фæндаджы дæргъ уыдзæн 8 километры. Куыстытæн бахъæудзæн 600 милуан сомы. Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, хицауады æмбырдтæ районты арæх кæй уыдзысты. Уымæн æмæ бынаты сбæрæг гæнæн æмæ райхалæн ис алы районы риссагдæр фарстатæ дæр. Уыимæ ма, рахаста хъæппæрис алы районы дæр снысан кæнын вице-премьер. Афтæмæй, куыст цæудзæн æнтсытджынæй. Уыимæ ма, Сергей Меняйло йæхæдæг профилон ведомствæтæн сфидар кæндзæн фæтк. Уымæ гæсгæ æмбæлдзысты районты цæрджытимæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сергей Меняйло амыдта РЦИ Аланийы хицауады æмбырд Æрæфы районы
Категория:
Новости и СМИ