Зæйтæ рацыды ныхмæ æдасдзинады мадзæлттыл цыд сæрмагонд æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

45 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

45 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

45 просмотров

3 года назад

Зæйтæ рацыды ныхмæ æдасдзинады мадзæлттыл, стæй цæрджыты ахæм уавæры рæстæг бахъахъхъæныныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Архайдтой дзы Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны сæйраг управленийы хицау Александр Хоружий, Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты гидрометеорологийы æмæ æрдзы мониторингы федералон службæйы департаменты хицау Ольга Заболотная, Фæндæгты федералон агентады автомобилон фæндæгты федералон агентад "Кавказ"-ы хицау Александр Лукашук, стæй ӕндæр бæрнон куыстуæтты уæнгтæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй зæйтæ рацыды рæстæг æдасдзинады фарста у ахсджиаг. Премьер фæнысан кодта мадзæлттæ, республикæйы хæххон районты зæйтæ рацæуынæй тæссаг уавæр бахизыны нысанимæ. Уæлдай æргом аздахын хъæуы Транскамы уавæрмæ. Фæндагæн ис егъау нысан - æрмæс йӕ руаджы ис бастдзинад Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны 'хсæн. Æппæт профилон куыстуæттæ дæр хъуамæ сæ хæстæ бæрнонæй æххæст кæной, загъта премьер.

, чтобы оставлять комментарии