Пъæлицæйæгтæ Æрыдоны районы рабæрæг кодтой гæны къудзитæ
Пъæлицæйæгтæ Æрыдоны районы рабæрæг кодтой гæны къудзитæ. Ахæм басгæрст радон хатт сарæзтой профилактикон мадзал «Мак 2020»-ы фæлгæты. Къудзитæ ныккарстой. Наркотикхæццæ зайæгойтæ фесафыны куыст кæнынц Мидхъуыддæгты Министрады хайады æмæ наркотиктæ зилдух кæныны ныхмæ управленийы кусджытæ. Уыимæ ма сын æххуыс кæнынц бынæттон администрацийы минæвæрттæ дæр. Зайæгойтæ уыдысты адæймаджы бæрзæндæн æмæ апарахат сты гектары æрдæджы бæрц фæзуатыл. Æркарстой æмæ сæ басыгътой. Ахæм мадзæлттæ араздзысты бæрæг æмгъуыдмæ. Пъæлицæйы кусджытæ адæммæ сидынц, цæмæй, гæн кæм зайы кæнæ йæ барæй кæм ныссадзынц, ахæм бынæтты тыххæй хъусын кæной пъæлицæмæ. Уымæй уæлдай ма, административон æмæ уголовон æгъдауæй æфхæрдзысты, цæрджытæй йæ зæххытыл ахæм зайæгой чи нæ куынæг кæна, уыдоны. Кæмæ ссарой, уыдон та дзуапп дæтдзысты Уæрæсейы уголовон кодексы 231-æм статьямæ гæсгæ. Фидын сæ бахъæудзæн ивар 300 мин сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæ Æрыдоны районы рабæрæг кодтой гæны къудзитæ
Категория:
Новости и СМИ