Парламенты Советы æмбырды æркастысты ахсджиаг закъоны проекттæм
Цæгат Ирыстоны фæфылдæр уыдзæн сывæллæтты хъомылгæнджытӕ сабитæ хæссынæн цы фиддонтæ исынц, уыдоны бæрц. Ахæм закъоны проектмæ æркастысты Парламенты Советы æмбырды. Проект адæмы размæ рахаста социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Фæндонмæ гæсгæ фиддоны бæрц хъуамæ фæфылдæр уа дыууæ хатты. Уыимæ ма Советы уæнгтæ рахæцыдысты ног закъоны проекты фарс. Йæ сæйраг хъуыды у - закъон «Об основах охраны здоровья граждан в России» баххæст кæнын ног уæлæмхасæн статьяйæ. Ныхас цæуы, онкологон æмæ гемотологон низтæ кæмæ ис, уыцы сабитæн медицинон æххуысы фæзилæнтыл. Лæмбынæгæй куы зæгъæм, уæд ацы низтæ дзæбæхгæнæг федералон центртæн бар куыд уа, стыр пайда цы хостæ хæссынц, уыдоны номхыгъд нысан кæнын, цæмæй сæ уа æнæмæнг медецинон федзæхстады фæрæзтæй æлхæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парламенты Советы æмбырды æркастысты ахсджиаг закъоны проекттæм
Категория:
Новости и СМИ