Æрыдоны кадджын уавæры байгом «Молодые профессионалы 2021»-йы ерыстæ
Æрыдоны кадджын уавæры байгом «Молодые профессионалы 2021»-йы ерыстæ. Сæ арæхстдзинад æвдисдзысты 20 адæймагæй фылдæр Уæрæсейы 19 регионæй. Мадзал ахæсдзæн цалдæр боны. Цавæр уыдзысты ерысы хатдзæгтæ, кæй чъиритæ рауайдзысты хæрзаддæр æмæ хуыздæр, уый базондзыстæм фæстæдæр. Ныр та уал, куыд суазæг кодтой архайджыты, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Ирыстонмæ, нæ алæмæты æрдз æмæ нæ ирон чъиритæм уарзондзинад йæ зæрдæйы арф бынат кæмæн æрцахста уыдон æрымбырд сты Æрыдоны культурæйы хæдзары. Ерыс «Молодые профессионалы 2021»-æм æрнбангом кодта йæ архайджыты. Се 'хсæн Уæрæсейы 19 субъекттæй минæвæрттæ. Мадзалы архайджытæ æмæ уазджытæн «æгас цæут» загъта Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав. Савелий Тихонов ныр афæдзы дæргъы архайы ирон чъиритæ раст фыцыныл. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, йæхиуыл йæ зæрдæ дары. Фидарæй йæ уырны йæ райгуырæн Волгоградыл уæлахиздзауæй кæй сæмбæлдзæн. Чемпионат æрвылаз арæзт кæй æрцæуы, уымæ гæсгæ ирон чъири кæныны сусæгдзинæдтæ кæй фæнды базонын, уыдоны бæрц фылдæр кæны. Ацы аз ма сæм бафтыд ноджы æртæ регионы. Сæ арæхстдзинад ересы нæ архагæйæ равдисдзысты Воронежы æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Сæ куыстытæн та сын аргъ кæндзысты жюри уæнгтæ-16 адæймагæй. Иууылдæр фæлтæрдджын, дæсны специалисттæ. Кафтæй, зардæй фидауы цины бæрæгбон, афтæ фæзæгъынц. Уыцы æгъдау хынцгæйæ конкурсы фæлгæты уазджыты сцымыдис кодтой ирон адæмы культурæйы хæзнадоны диссæгтæй. Алцыдæр нывыл. Ерыс йæ тæмæны бацыд. Архайджыты адих кодтой дыууæ къордыл. Уыдонæй алчидæр хъуамæ 5 сахатмæ хуыссæйы алы хуызтæй пайдагæнгæйæ сцæттæ кæной 28 алыхуызон чъирийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны кадджын уавæры байгом «Молодые профессионалы 2021»-йы ерыстæ
Категория:
Новости и СМИ