Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд компани «ЭОН»-ы хицауттæй иу Александр Пуговкинимæ
Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд компани «ЭОН»-ы хицауттæй иу Александр Пуговкинимæ. Фембæлды рæстæг дзырдтой клинкеры хауæццæгтыл бакусыны фæрæзты тыххæй. Æппæты фыццаг хъуыды кæнын хъæуы экологийыл. Хауæццæгтыл бакусын хъæудзæн, æрдзæн зиан куыд нæ ’рхæссой, афтæ. Уымæ гæсгæ пайда кæндзысты ног технологитæй. Экологон æдасдзинады домæнтæн æххæстæй дзуапп цы компани дæтты, ууыл æрæнцайдзыстæм - фæнысан кодта Сергей Меняйло. Александр Пуговкины ныхæстæм гæсгæ, клинкерæй ис ногæй спайда кæнын. Ахæм технологиимæ базонгæ кодта нæ республикæйы разамынд. Æмгуыстады тыххæй Сергей Меняйло дзуапп ратдзæн, бынæттон специалисттæ клинкерыл бакусыны ног методикæтæн аргъ куы скæной, уæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv