Кæсаджы куыстгæнæг компани «Арлан Фиш» ы хъомыс афæдзмæ у валер кæсаджы 550 тоннæйы
550 тонæйы балер-кæсаг — иу афæдзмæ. Уый бæрц кæсаг дæтты куыстуат «Арлан Фиш». Красногоры комплексы ис 85 бассейнæй фылдæр. Кæсæгтæ дзы дарынц сæ асмæ гæсгæ алы рæтты. Доны уавæрмæ дæр куыстуаты фæллойгæнджытæ сæ цæст дарынц. Баивынц æй бон цалдæр хатты. Кæсæгтæн дæттынц экологон æгъхдауæй сыгъдæг хæринаг, æнæ биологон хъацæнтæй. Балер-кæсаг куыд рæзы, афтæ йын цæ бынат дæр аивынц, ома, бауадзынц æй йе ’мйæстæм. Цæттæ продукци æрвитынц канд республикæйы базарадон куыстуæттæм нæ, фæлæ ма Мæскуы æмæ Санкт-Петербургмæ дæр уазалгонд æмæ салдæй. Ныридæгæн архайæм 5-æм аз. 2017 азы ауæй кодтам нæ фыццаг продукци. Уый уыд валер кæсаг. Фарон нæ куыстуаты хъомыс уыд 500 тоннæйæ фылдæр. Ацы аз æнхъæлмæ кæсæм продукцийы 700 тоннæмæ ввахс. Нæ бассейны квадратурæ æдæппæтæй у 16 мин квадартон метры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv