Цæгат Ирыстоны амалхъомады центртæм ивгъуыд аз æххуысагур фæсидт 4000 адæймаджы
Амалхъомадæн æххуысы Фонды журналисттæн радзырдтой районты «Мой бизнес»-ы центрты ивгъуыд азы хатдзæгты тыххæй. Специалисттæ чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады проекттæм сæ хъус дарынц райдианæй царды рауадзыны онг. Æххуыс кæнынц хи куыстуат байгом кæнынæн. Амонынц, куысты пълан куыд хъæуы скæнын æмæ ныртæккæ цавæр паддзахадон æххуысæй спайда кæнæн ис, уыдæттæ. Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы регионты 'хсæн, центр «Мой бизнес» районты кусын райдыдта фыццаг. Нымад æрцыд нæ бæстæйы хуыздæр фæлтæрæныл. Ныридæгæн уал нæ республикæйы æппæт центртæм æххуысагур фæсидтысты 4 000 адæймаджы. Гæджиты Батрадз, РЦИ-Аланийы амалхъом адæмы æххуысы Фонды директор «Амалхъом адæмæн æххуыс кæны паддзахад. Фæлæ ма сæм уымæй уæлдай мах дæр нæ хъус дарæм. Районты цы центртæ ис, уым та æххуыс кæнынц цæрджытæн сæ зæххы хæйттæ закъонмæ гæсгæ хиуыл ныффыссынæн, кæнæ та хи зæххыл куыстуат байгом кæныны бартæ райсынæн. Иудзырдæй, не `ххуыс бирæвæрсыг у». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны амалхъомады центртæм ивгъуыд аз æххуысагур фæсидт 4000 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ