Бæрнон кусджытæ дзырдтой Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр фарстатыл
Арæзтад æмæ архитектурæйы комитет Дзæуджыхъæуы администрациимæ иумæ бакусдзысты нæ республикæйы сæйраг горæты райрæзты пъланыл. Уый хъуамæ дзуапп дæтта горæты фæлгонц рацарæзты нырыккон домæнтæн. Ахæм хæслæвæрд республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фехъусын кодта хицауады æмбырды. Регионы разамонæг горæты администрацийы æргом аздæхта Дзæуджыхъæуы фистæгдзæуæн ахизæнты æдзæллаг уавæрмæ. Уыцы хъуыддаджы фæдыл бабар кодта бацæттæ кæнын се сцалцæггæнæн мадзæлтты проект. Сæйрагдæр уый хауы, ахуырадон уагдæттæ æмæ социалон объектты цур цы ахизæнтæ ис, уыдонмæ. Хицæн ныхас ма цыд горæты Сæйраг парчы цадтыл. Ныссыгъдæг сæ кæндзысты æмæ сын сæ бырутæ айсдзысты. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ма бахаста хъæппæрис бæлæгъты станцæ сног кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма Сергей Меняйло фæнысан кодта, Сабырдзинады проспекты арæзтадон куыстытæ фаг рæвдз кæй нæ цуынц, уый. Карз æфхæрды хуызы регионы разамонæг йæ хъуыды загъта Дзæуджыхъæуы хæдтулгæты æрлæууæн бынæтты уавæры фæдыл. Горæты фæндаггон змæлды инспекцийæн бабар кодта администрациимæ иумæ æвæстиатæй уыцы фарстайыл бакусын. Ныхас ма цыд республикæйы фæндаггон змæлды сæрмагонд центр саразыны тыххæй. Ахæм центртæ ныридæгæн ис Мæскуы, Казань æмæ Тверы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv