Цæгат Ирыстоны финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн Исахъты Олег
Цæгат Ирыстоны финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн Исахъты Олег. Æмбæлгæ бардзырд абон бафыста республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Фыццаг фембæлды æрныхас кодтой дарддæры æмгуыстадыл. Сергей Меняйло фæнысан кодта уый, æмæ ведомствæйы куысты сæйрагдæр къабæзтæм сæрмагонд цæст даргæйæ, æргом хъæуы аздахын куыд республикон бюджеты фæрæзтæ хардз кæныны фарстамæ, афтæ ма муниципалон скондты бюджеттæм дæр. Тагъд рæстæг райдайдзæн 2022 азы финансон гæххæттыл куыст. Исахъты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, цæттæ у ацы куысты фыццаг къахдзæфтæ кæнынмæ, цæмæй республикæйы социалон-экономкон уавæр æхуыздæр уа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv