Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой Маркусы номыл уынджы фæндаг
Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой Маркусы номыл уынг. Фæндаггон куыстытæ конд æрцыдысты «Безопасные и качественные автомобильные дороги», зæгъгæ, национ проекты фæлгæты. Уый тыххæй хъусын кæныц Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарадæй. Фæндаджы бындур ныффидар кодтой æмæ йыл сæвæрдтой ног асфальт. Дондзæуæнтæ сног кодтой нырыккон домæнтæм гæсгæ. Ног афальтæй уæлдай уынджы фæзынд ног тротуар, фæндаггæрæтты та баивтой къæйдуртæ. Ранæй-рæтты уынджы фæзынд цъæхфæлыст. Йе ’нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдонæн конд æрцыд пандустæ æмæ фистæгцæуæн ахизæнтæ. Базылдысты æхсæнадон транспорты æрлæууæнтæм дæр, фæндагыл фæзындысты сæрмагонд нысæнттæ. Зæххы бын коммуникацитæ æмæ люктæ дæр æнæ ивдæй нæ баззадысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой Маркусы номыл уынджы фæндаг
Категория:
Новости и СМИ