Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 73 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 73 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 8 463. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 314 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 600, COVID-мæ 134-æй, реанимацийы 58 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 14-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 658 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 168-мæ. Реанимацийы хайады 58 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 13-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 28 сывæллоны æмæ 11 хистæр кары адæймаджы. 23 сывæллоны æмæ 10 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 17 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 9-мæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 73 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ