Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта Уастырджимæ кувæн къуырийы фæдыл
Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – райдыдта Лæгты дзуармæ кувæн къуыри. 7 боны дæргъы алы ирон хæдзары дæр хистæртæ кувдзысты се `ртыгай кæрдзынтæй, сæхи æмæ сæ кæстæрты бафæдзæхсдзысты Хуыцау æмæ йæ адæмы ’хсæн минæварыл. Курдзысты æнæниздзинад, амонд æмæ бæллиццаг фидæн. Ракурдзысты Ирыстонæн Хуыцауы арфæ, фарн æмæ сабыр цард. Сæйрагдæр та ацы тыхст рæстæг у æнæниздзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта Уастырджимæ кувæн къуырийы фæдыл
Категория:
Новости и СМИ