Хатдзæгтæгæнæн нывæцæн аргъæвтой, кæронбæттæн ныхас та ацæудзæн дæрдздзæгмæ хуызы
11-æм кълæсты ахуырдзаутæ декабры хъуамæ ныффыстаиккой хатдзæгтæгæнæн нывæцæн, фæлæ йæ æвзæр эпидемиологон уавæры тыххæй аргъæвтой. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 2021-æм азы 5-æм апрелæй раздæр нæ ацæудзæн. Ахæм уынаффæ рахастой Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæ æмæ Рухстауынады министрады. Хатдзæгтæгæнæн нывæцæн рауагъдонты фыссын хъæуы, цæмæй сæ паддзахадон фæлварæнтæм бауадзой. Аивтой 9-æм къласонты кæронбæттæн ныхас дæр. Пъланмæ гæсгæ йæ хъуамæ сарæзтаиккой ног азы 10-æм февралы, уæлæмхасæн та – 10-æм æмæ 17-æм мартъийы. Эпидемиологон уавæр ма уæдмæ афтæ æвзæр куы уа, уæд бынæттон хицауад уынаффæ хæсдзæн кæронбæттæн ныхас дæрдздзæгмæ хуызы скæнын, информацион технологитæй пайда кæнгæйæ. Уæрæсейы рухстауынады министрад æмæ Фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæ бацæттæ кæндзысты, хатдзæгтæгæнæн нывæцæны æмгъуыд æмæ кæронбæттæн ныхасы дистанцион фæтк фидаргонд кæм уыдзæн, ахæм сæрмагонд документ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хатдзæгтæгæнæн нывæцæн аргъæвтой, кæронбæттæн ныхас та ацæудзæн дæрдздзæгмæ хуызы
Категория:
Новости и СМИ