РЦИ Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергея Меняйло ссыд Дзæуджыхъæумæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Цæгат Кавказы Федералон зылды æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Юрий Чайка республикæйы парламент æмæ хицауады уæнгты базонгæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергея Меняйлоимæ. Кадджын мадзал ацыд Хицауады хæдзары. Цæгат Ирыстоны разамынды хæдзары абон бирæ адæм уыд: республикæйы парламенты æмæ хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ. Иууылдæр цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты. Залы ма - Паддзахадон Думæйы депутаттæ, сенатортæ, Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Æмбырд уыд ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл. Зонгæ кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Абон ссыд Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæджы æмбырды архайджытимæ базонгæ кодта Цæгат Кавказы Федералон зылды æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Юрий Чайка. Фыццаг ныхасы бар дæр уымæ æрхауд. Уый фæстæ йæ раныхасимæ трибунæмæ рацыд Сергей Меняйло. Мадзалы кæронбæттæны æмбырды архайджытæм фæсидт Битарты Вячеслав дæр. Мадзалы архайджытæ бирæ нæ бафæстиат сты. Раст зæгъгæйæ цæттæгæнæн рæстæг фылдæр ахаста. Кæронбæттæны базыдтам æмбырды архайджыты хъуыдытæ дæр. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

РЦИ Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергея Меняйло ссыд Дзæуджыхъæумæ

Категория:

Новости и СМИ