Абон у хъæлдзæгдзинад æмæ худыны бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Абон у худын æмæ хъæлдзæгдзинады бон дæр. Раст зæгъгæйæ, адæймаджы а-фæстаг афæдз уымæ æвдæлгæ дæр нал кодта. Фæлæ хорз зæрдæйы ахаст цард йæхæдæг домы. Уæдæ дзы адæймаджы уæнгтæ дæр рогдæр кæнынц. Не `рмæджы хъайтары уе `ппæт дæр зонут. Гæбуты Жаннæ, нæ республикæйы адæмон артисткæ. Бирæ фæлтæрты фæхудын кодта курдиатджын актрисæ йæ фæлгонцты руаджы. Фæлæ йын йæхи чи зоны, уыдон дæр Жаннæйы хонынц тынг хъæлдзæг адæймаг. Хъæлдзæг, худæндзаст æмæ мидбылтыхудаг Гæбуты Жаннæ. Аивадуарзджытæ йын йæ хъæлæс дардæй айхъусгæйæ дæр базонынц. Æмæ куыд нæ?! Сценæмæ рахизгæйæ, алцæмæ дæр дæсны у Жаннæ. Æнцонæй йын æнтысы сценæйыл куыд азарын, афтæ искæй фæлгонц раргом кæнын дæр. Уый та уымæн, æмæ йæ курдиатыл æрвылбон кусы. Науæд, дам, бамынæг уыдзæн. Гæбуты Жаннæйæн дæр сатирæйы жанры йæ хъуыддаг афтæ рауади. 2004-æм азы иу аивадон изæры хъæлдзæг монолог бакаст. Фæцыд йæхи æмæ адæмы зæрдæмæ дæр. Уый актрисæйы фæныфсджын кодта, æмæ йæ ногæй бафæндыд аивадуарзджыты хъæлдзæг кæнын. Афтæмæй Жаннæйы сурæттæ сбирæ сты. Аивадмæ Гæбуты Жаннæ æнгом у йæ сабибонтæй фæстæмæ. Хæрзгыццылæй райдыдта зарын æмæ кафын. Уæдæ фæндырæй цæгъдын дæр зоны. 8-æм кълас каст куы фæци, уæд фехъуыста, Аивадон училищæ Ирон театры бындурыл сфæлдыстадон студи кæй гом кæны. Уæд райдыдта театры номдзыд актертимæ иумæ кусын йе `рдзон курдиатыл. Царды та хæларзæрдæ, цæстуарзон, куыстуарзон адæймаг хонынц Гæбуты Жаннæйы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй алы бонмæ дæр хъæуы хъæлдзæг зæрдæйы ахастимæ кæсын. Уый ахады адæймагæн суанг йе `нæниздзинадыл дæр. Худыны æмæ хъæлдзæгдзинады бон Гæбуты Жаннæйы зæрдæ зæгъы Ирыстоны адæмæн, цæмæй уой хъæлдзæг æмæ амондджын хабæрттæй хъусой. Канд абон нæ, фæлæ афæдзы 365 къахдзæфæй алкæцыйы дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон у хъæлдзæгдзинад æмæ худыны бон

Категория:

Новости и СМИ