Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр йæ ног сезон байгом кодта премьерæйæ
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр йæ ног сезон байгом кодта премьерæйæ. Аивадуарзджыты размæ рахастой спектакль «Ричард III»-æм. Сæвæрдтой йæ Уильям Шекспиры зындгонд трагедимæ гæсгæ. Спектакылы архайынц театры зынгонд артисттæ. Къордимæ иумæ премьерæмæ æнхъæлмæ каст Бытъæты Роберт дæр. Хъыгагæн æртыццæджы йæ цардæй ахицæн. Актертæ æмæ театырдзаутæ йын йæ ном ссардтой иу минут æдзæмæй алæугæйæ. Уый фæстæ театыруарзджытæ «баллæуыдысты» Английы. Систы æвдисæнтæ Къаролы титулыл 30 азы дæргъы аристократон мыггæгтæ Йорктæ æмæ Ланкастертæ куыд тох кодтой, уымæн. Хинæйдзаг æмæ дыдзæсгом. Ахæм у Уильям Шекспиры зындгонд трагеди «Ричард III»-ы сæйраг хъайтар. Паддзахы бынатмæ бæллгæйæ, Ричард равзæрста тугæйдзаг фæндаг. Йæ размæ чи фæвæййы, уыдоны æгъатырæй цæгъды. Йæ фæлывд митæй Ричард йæ «рæстзинадыл» баууæндын кæны. Йæ алыварс цы адæм ис, уыдоныл гадзрахатæй рацæуы. Куыддæр паддзахы къæлæтджыны æрбадт, афтæ та ногæй туг ныккалдта. Ричарды сурæт раргом кодта Цæгат Ирыстоны адæмон артист Æлбегаты Алан. Ролыл бакусын, йæ ныхæстæм гæсгæ æнцон нæ уыд. Хъайтары æвзæр миниуджытæ равдисын, ахæм цæмæ рауад, уый бамбарын. Уыимæ ма сæйрагдæр у адæмы размæ йæ ирдæй рахæссын. Премьерæйы агъоммæ актертæ сæхи цæттæ кæнынц гримеркæты. Алкæй хæс дæр дзы у йæ сурæт æххæстæй равдисын. Йæ миддуне йын раргом кæнын. Алы лыстæгдзинадмæ дæр уæлдай æргом здахынц. Цырыхаты Розæ спектаклы у Ричарды мад, герцогиня Йорская. Спекталь цæттæ кæнын райдыдтой афæдзы размæ. Премьерæ хъуамæ мартъийы уыдаид. Фæлæ, йæ коронавирусы аххосæй аргъæвтой. Спектаклы режиссер - Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Бæлхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви. Куыд зæгъы, афтæмæй, классикæ адæмы размæ рахæссын у стыр хæс. 5 мæймæ театры къуыст фæкъуылымпы. Уымæ гæсгæ, премьерæмæ адæм уæлдай цымыдисæй æрбацыдысты. Спектакль ацыд санитарон домæнтæ хынцгæйæ. Адæм залы бадтысты маскæты. Ног, 85-æм сезоны фæдыл арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Классикы уацмыс ирон театры сценæйыл ногæй федтой абон. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр йæ ног сезон байгом кодта премьерæйæ
Категория:
Новости и СМИ