Тарскæйы полигоны ацыдысты 58-æм æфсады ахуыртæ
Тарскæйы полигоны ацыдысты 58-æм æфсады ахуыртæ. Артиллерион дæлхайæдтæ мæнг знагæн радтой ныхкъуырд. Ныхмæлæууæджы командон згъæрфидар пункттæ ныццагътой 20 километры дæрддзæгмæ. Хæххон уавæрты ахуырты архайын æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ æфсæддонтæ сæ размæвæрд хæстæ æнтыстджынæй баххæст кодтой. Ахуырты сæйраг нысан – Хуссар æфсæддон зылды æфсады цæттæдзинад сбæрæг кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv