Йæ цардæй а хицæн Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Ходы Камал
Нæ равдыст райдайдзыстæм уæззау хабарæй. Йæ цардæй ахицæн Ходы Камал - Ирыстоны адæмон поэт, фыссæг, тæлмацгæнæг, литературон критик, Цæгат Ирыстоны гимны ныхæсты автор. Цыдис ыл 80 азы. Ходы Камал райгуырд Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, 26 январы 1941-æм азы. Фидæны поэт скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ. Йе сфæлдыстадон фæндаг Ходы Камал райдыдта республикæйы газетты редакцитимæ æмгустӕй. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыргонд уыдысты 1962-æм азы. 4 азы фæстæ та рухс федта йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Цæхх æмæ кæрдзын». Йе сфæлдыстады стыр бынат ахсынц тæлмацтæ. Камалы руаджы иронау сдзырдтой Пушкин, Островский, Лопе де Вега, Шиллер, Шекспир æмæ ма æндæр зындгонд фысджытӕн сӕ уацмысты хъайтартӕ. Ходы Камал ма уыд Цæгат Ирыстоны телестудийы бæрнон редактор дæр. Журнал «Мах Дуг»-ы критикон хайады разамонæг. Чингуыты рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор. Бирæ азты дæргъы уыд Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар. Ходы Камал стыр æвæрæн бахаста ирон литературæйы райрæзтмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv