Ирон театры 25 февралы равдисдзысты Чеджемты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Цолайы чындзæхсæв»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

44 просмотра

5 лет назад

«Цолайы чындзæхсæв» кæд комеди у, уæддæр адæймаджы арф хъуыдытыл æфтауы. Царды фарстатæм мидбылхудгæйæ кæсгæйæ, Чеджемты Геор театрдзаутæн æмбарын кæны рæстдзинад. Царды хæрзты 'хсæн уацмысы хъайтартæ равзæрстой уарзондзинад. Чеджемты Георы комеди «Цола» ссӕдз азӕй фылдӕр фӕцыд нӕ театры сценӕйыл. Æвæрд æрцыд ивгъуыд ӕнусы 80-æм азты. Йӕ режиссер уыд Цæгат Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг Бекъойты Розӕ.  Спектакль «Цолайы чындзæхсæв» æвдисы, Цола æмæ Дзыкъуылайы  хъысмæт дарддæр цы фæндагыл акодта, уый. Театры астӕуккаг ӕмӕ кӕстӕр фӕлтӕр дӕр сӕ хистӕртау, се сфӕлдыстадон хъарутыл нӕ ауӕрдынц. Ирыстоны аивадуарзджытæн кæнынц ног цинхӕссӕг бӕрӕгбон. Спектакль «Цолайы чындзæхсæв» -ы режиссер-æвæрæг у Уалыты Гиви. Сӕйраг фӕлгонц аразӕг, Джанайты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, спектаклы цырв у цардуарзон Цолайы цыргъ ӕмӕ кӕрдаг зонд. «Цолайы чындзæхсæв» -ы равдыст Ирон театр цæттæ кæнынц 25-æм февралмæ. Зæрдæ дарынц, уæдмæ тæссаг низæн йæ тых кæй фæсæтдзæн æмæ аивадуарзджытæн ногæй фадат кӕй фæзындзæн театры къæсæрæй бахизынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv