Скъоладзаутæн фæасламдæр кæндзысты æфсæнвæндагыл цæуыны билеттæ
Скъоладзаутæн фæасламдæр кæндзысты æфсæнвæндагыл цæуыны билеттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы хицауад. Ныр бæлцæттæласæн дыууæ уæладзыгон вагæтты цæуынæн, 10 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн билеттæ кæндзысты дыууæ хатты асламдæр. Уый фæдыл уынаффæ бафыста нæ бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Ахæм тариф нысангонд æрцæудзæн скъоладзаутæн æмæ ахуыргæнæндæтты хъомылгæнинæгтæн. Спайдагæнæн дзы уыдзæн 1-æм январæй 31-æм маймæ æмæ 1-æм сентябрæй 31-æм декабрмæ. Раздæр асламдæр аргъæй билеттæ уæй кодтой æрмæст плацкартон вагæттæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъоладзаутæн фæасламдæр кæндзысты æфсæнвæндагыл цæуыны билеттæ
Категория:
Новости и СМИ