Хуссар Ирыстоны COVID 19 æй фæрынчын ноджы 13 адæймаджы
Хуссар Ирыстоны COVID-19-æй фæрынчын ноджы 13 адæймаджы. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Аннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй суткæмæ скодтой 115 иртæсты. Дохтыртæ кæсынц ныртæккæ 1 277 адæймагмæ. Уыдон дзæбæх кæнынц, куыд рынчындæтты, афтæ сæ хæдзæртты дæр. Низæй чи фервæзт, ахæтæ æдыппæтæй баисты 348. Хуссар Ирыстоны йæ тыхы ис маскæтæ æнæмæнг дарыны фæтк. Карантины æхгæд сты æппæт ахуыргæнæндæттæ. Кусынц кæцыдæр райдиан кълæстæ æмæ рæвдауæндæтты къордтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны COVID 19 æй фæрынчын ноджы 13 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ