Сергей Меняйло бабæрæг кодта сывæллæтты змæлынад раст кæныны центр «Ир» æмæ хæдзар-интернат «Ласка»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтадæмон боны республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта хæдзар-интернат «Ласка» æмæ сывæллæтты змæлынад раст кæныны центр «Ир». Бæрæгбоны фæдыл сын раарфæ кодта æмæ сын байуæрста лæвæрттæ. Федта, цы уавæрты цæрынц, уый дæр. Церебралон нерв хъыгдæрд кæмæн у, ахæм сывæллæтты змæлынад раст кæныны центр «Ир» 6 азæй фылдæр кусы. Ам архайынц сывæллæтты церебралон паралич æмæ йемæ баст æнæниздзинады уавæртыл комплексон хуызы бакусыныл. Медицинон уагдоны ис нырыккон кусæнгæрзтæ, дзуапп дæттынц æппæт домæнтæн дæр. Центры ис хи стоматологон агъуыст, хиирхæфсæн фæз, иппотерапия скæнынæн сæрмагонд бынат, бæхдон æмæ ленкгæнæн бассейн. Центры куыстимæ базонгæ нæ республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Сæ разамынды ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд домæнтæм гæсгæ цæттæ кæнынц фæлтæрдджын специалистты. Уагдоны ныртæккæ ис бынæттон специалисттæ, фæлæ фаг кæй не сты, уый бæрæг у. Сергей Меняйло ма уыд сывæллæтты хæдзар «Ласка»-йы. Кусы 50 азæй фылдæр. Цæры дзы, йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм сывæллæттæ 4 азæй 18 азы онг. Уыдонимæ ма ис, сæ централон нервон системæ карз æфхæрд кæмæн æрцыд, æмæ сæры зондыл уæлæнгæйтты, тынг кæнæ уæззау хуызы кæмæн фæбæрæг, ахæм æрыгæттæ 18 азæй 23 азы карæнтæ. Ам ис æххæст стационар æмæ стационар «Дом Солнца», зæгъгæ. Æдæппæттæй хæдзар-интернаты ис 90 бынаты. Сергей Меняйло фæнысан кодта, хъæуы медицинон уагдоны автопарк сног кæнын кæй хъæцы, уый. 15 азы дæргъы ивд нæ уыд. Æппæт хæслæвæрдтæ дæр тагъд рæстæджы хъуамæ æххæстгонд æрцæуой. Алы хъуыддагмæ дæр йæ цæст дардзæн республикæйы разамонæг Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сергей Меняйло бабæрæг кодта сывæллæтты змæлынад раст кæныны центр «Ир» æмæ хæдзар-интернат «Ласка»

Категория:

Новости и СМИ