87 бирæуæладзыгон кæрты æмæ 18 æхсæнадон фæзуаты саив кæндзысты ацы аз Дзæуджыхъæуы
87 бирæуæладзыгон кæрты æмæ 18 æхсæнадон фæзуаты саив кæндзысты ацы аз Дзæуджыхъæуы. Куыстытæ райдайдзысты хæстæгдæр рæстæг. Сног кæндзысты асфальт, фæндаджы къæйдуртæ æмæ рухсгæнæнтæ, фæщыгндзæн дзы ног бандæттæ æмæ быроны контейнертæ. Æппæт мадзæлттæ дæр æххæстгонд цæуынц «Благоустройство комфортной городской среды» паддзахадон программæйы фæлгæты. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав адæмон фронты активисттимæ абон ныхас кодтой горæты цæрджытимæ. Байхъуыстой сæ курдиæттæ æмæ зæрдæ бавæрдтой сæ баххæст кæнынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv