Къæлхидты Эльвирæ 30 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны ирон æвзагмæ
Къорд азы дæргъы Цæгат Ирыстоны расидынц ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты республикон æркаст. Йæ аразджытæ - республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институт. Фæархайынц дзы нæ республикæйы скъолаты дæсныдæр ахуыргæнджытæ. Ацы аз æркаст ацыд дыууæ къæпхæнæй. Фыццаг хайы конкурсанттæ фæсаууонмæ равдыстой, мадæлон æвзаг сæ царды цы бынат ахсы, куыд кусынц сывæллæттимæ, цавæр методикæйæ пайда кæнынц. Дыккаг хайы та цалдæр боны дæргъы лæвæрдтой уроктæ алы скъолаты. Сæйраг уæлахиздзау, 2021-æм азы ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы ном чи райста, уый у скъола «Диалог»-ы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Къæлхидты Эльвирæ. Ныр 30 азæй фылдæр йæ хъарутæ не ‘вгъау кæны фæсивæдæн. Цы нымайы сывæллæтты раст хъомылады ахсджиагдæрыл æмæ цавæр нысæнттæ æвæры йæ размæ, уый радзырдта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæйæн. Мадæлон æвзаг сывæллæттæн уарзын кæныны хъуыддаджы ахуыргæнæджы хæстæ стыр сты. Не ‘гъдæуттæ, нæ культурæ, æвзаг æмæ истори цæмæй сывæллæттæ зоной, уый тыххæй ирон æвзаджы ахуыргæнæджы зонындзинæдтæ дæр хъæздыг æмæ мидисджын хъуамæ уой. Æмæ æрмæст ирон сывæллæттимæ нæ кусынц ирон æвзаджы рæзтыл, фæлæ нæм цы бирæ адæмыхæттытæ ис, уыдоны минӕвӕрттимӕ дæр. Ирыстоны кæстæрты зæрдæты нӕ фыдæлты æгъдау, æвзаг æмæ фарн чи тауы, уыцы фæрнджын адæмæй иу у Къæлхидты Эльвирæ. Уæздан æмæ зæрдаив адæймаг, кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр у йæ фыдæлтæй æмæ хистæртæй. Абон дæр нæ рох кæны, Джызæлы 2-æм скъолайы ахуыр кæнгæйæ цы уарзондзинад банкъардта мадæлон æвзагмæ, уый. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты ирон-уырыссаг хайад каст куы фæци, уæд райдыдта кусын ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ныр 30 азы дæргъы фæсивæдæн канд ирон æвзаг æмæ литературæ нæ амоны, фæлæ ма æдзухдæр агуры ног фæндæгтæ, цæмæй ирон дзырд, нӕ фыдæлты культурæ, ӕмӕ аивад бауарзой. Цы гом уроктæ æмæ сфæлдыстадон изæртæ бацæттæ кæны, уыдон алкæддæр мидисæй хъæздыг æмæ аив, хъомыладон-методикон уагыл та раст æмæ бæлвырд арæзт. Уый æнæ бафиппайгæ нæ фесты, æрæджы цы æркасты бацархайдта, уым дæр. Конкурс хуыйны «Методикон æвæрæнтæ», зæгъгæ. Архайыны бар дзы ис æрмæст фæлтæрдджын ахуыргæнджытæн. Кæронбæттæнмæ цы 10 архайæджы рацыд, уыдонæй хуыздæрыл æвзæрст æрцыди Эльвирæ. Ахуыры уæлдай ма ахуыргæнæг хъомылгæнæг дæр у, зæгъы Эльвирæ. Сывæллæттæй алчидæр хайджын у йæхи удыскондæй. Æмæ йæ цæмæй раст бамбарай, уый тыххæй алкæй зæрдæмæ дæр хъуамæ ссарай фæндаг. Уый дæ къухы куы бафта, уæд дæ дарддæры куыст уыдзæнис æнцондæр. Йæ дзырд – фæлмæн, йæ амынд – зондзонæн, ахæм ахуыргæнæг у Къæлхидты Эльвирæ. Æвæллайгæйæ амоны сабитæн фидæны рæсугъд цардмæ фæндаг. Фæсивæды хъомылады куыстмæ стыр æргом чи здахы, уыцы адæймаг та кæддæриддæр у арфæйы аккаг, æмæ ма йын ноджы фылдæр бантысæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Къæлхидты Эльвирæ 30 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны ирон æвзагмæ
Категория:
Новости и СМИ