Мӕздӕджы районы пъӕлицӕйӕгтӕ рабӕрӕг кодтой, наркотиктӕ чи парахат кодта, уыцы нӕлгоймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

Мӕздӕджы районы пъӕлицӕйӕгтӕ рабӕрӕг кодтой, наркотиктӕ чи парахат кодта, уыцы нӕлгоймаджы. Ссардтой æм 3 мин дозӕйӕ фылдӕр. Мидхъуыддӕгты министрады слестгӕнӕн хайад нӕлгоймаджы ныхмæ байгом кодта уголовон хъуыддаг 228-ӕм статьяйы 4-ӕм хаймӕ гӕсгӕ. Ныр æм æвзиды 20 азы онг ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон. Гуырысхо кӕуыл кӕнынц, уый у, раздӕр тӕрхонгонд чи уыд, уыцы 43-аздзыд нӕлгоймаг. Разынд Мӕздӕджы районы, Троицкӕйы хъӕуы цӕрӕг. Мӕздӕг ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары ӕхсӕн пъӕлицӕйӕгтӕ оперативон хъусынгӕнинаг райсгӕйӕ, баурӕдтой хӕдтулгӕ. Уыцы нӕлгоймаг дзы шофыры фарсмӕ бадт. Басгӕрсты рӕстӕг ссардтой ӕмӕ байстой 4 полимерон дзӕкъулы, уыдис дзы 100 тыхты ссад урс буаргъӕдимӕ. Владимир Шмелёв, Мæздæджы районы мидхъуыддæгты министрады наркотиктæ зилдухы ныхмæ хайады разамонæг: «Экспертизӕ куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй разынд 96 граммы бӕрц мефедрон. Уый та у минмӕ ввахс дозӕйы фаг. Закъонхалæг сæ фæнд кодта Цæгат Ирыстоны апарахат кæнынын, уыимæ масыхаг регионты дæр. Уый тыххæй сæ дих кодта æмæ сæ тыхтонты сусæг æвæрæнтæ арæзта». Нӕлгоймаг йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй сӕ фӕнд кодта Кӕсӕг-Балхъары республикӕ горӕт Прохладныйы бынӕтты сӕвӕрын. Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕрцы нӕлгоймаджы хӕдзары ма ноджыдӕр ссардтой 200 хуызы синтетикон наркотикӕй фылдӕр. Уыдоны 'хсӕн: Мефедрон, Энметилэфедрон ӕмӕ амфетамин. Уымӕй уӕлдай ма ссардтой барӕн ӕмӕ 1000 полимерон дзӕкъулы. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нӕлгоймаг йӕхӕдӕг наркотик дих кодта дозӕтыл ӕмӕ сӕ дарддӕр ӕвӕрдта сусӕг бынӕтты. Нӕлгоймаг йӕ аххосыл басаст, Мӕздӕджы районы наркотиктæ кӕй парахат кодта, уый тыххӕй. Пъӕлицӕйӕгтӕн сӕ къухы бафтыд ноджы дӕр мА байсын 6 наркотикон буаргъӕды - мефедрон. Уыдон дӕр уыдысты ӕмбӕхст. Армен Тераваков, Мæздæджы районы мидхъуыддæгты министрады слестгæнæн хайады разамонæг: «Мӕздӕджы районы мидхъуыддӕгты министрады слестгӕнӕн хайад нӕлгоймагыл байгом кодта уголовон хъуыддаг 228-ӕм статьяйы 4-ӕм хаймӕ гӕсгӕ. Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсы 20 азы онг ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон. Ныридӕгӕн слестгӕнджытӕ аразынц ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр республикӕйы наркотикты зилдух бауромыны фӕдыл». Афтæмæй, барадхъахъæнджыты фæрцы, Цæгат Ирыстоны зилдухы нæ ацыдысты зинхæссæг наркотикты 300 граммы. Адæмæн цы фыдбылызтæ æрхастаиикой, уый бæрæг у. Ахæм куыст, закъонхаджыты ныхмæ пълицæцæгтæ дарддæр дæр кæнынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мӕздӕджы районы пъӕлицӕйӕгтӕ рабӕрӕг кодтой, наркотиктӕ чи парахат кодта, уыцы нӕлгоймаджы

Категория:

Новости и СМИ