Алагиры районы коммуналон хæдзарады кусджытæ цæттæ кæнынц фæззыгон зымæгон рæстæгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

5 лет назад

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады кусджытæ дарддæр цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ. Бæрæг кæнынц дзуапдæттæг куыстуæтты цæттæдзинад. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт куыстытæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. 15-æм октябрмæ иуылдæр æххæстгонд æрцæудзысты. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Алагир. Сæрды дыггаг мæй. Уæлдæфы температурæ хæццæ кæны 30 градусмæ. Районы коммуналон службæ та ныридæгæн йæхи хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ кæнын райдыдта. Зымæгмæ нырма хъæуы бирæ цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын. Алагиры районы бирæфатерон хæдзæрттæ тавынц 30 хъармгæнæн куыстуаты. Сæ фылдæр ныртæккæ сты базилинаг. Района администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй зымæджы цæрджытæ зындзинæдтимæ ма сæмбæлой, уый тыххæй æппæт хъармгæнæн системæтæм хъæуы базилын развæлгъау. Цæгат Ирыстоны хъармгæнæн рæстæг райдайдзæн 15 октябры. Алагиры коммуналон кусджыты та уæдмæ хъæуы бацархайын, цæмæй цæрджыты хæдзæрттæм хъарм бауадзынæн алцыдæр уа цæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv