Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет сæрмагонд ахуырты руаджы бацæттæ кæндзæн Ирон театрæн актерты
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет сæрмагонд ахуырты фæлгæты бацæттæ кæндзæн Ирон театрæн актерты. Фæсивæдæн ахæм фадæттæ сарæзта Хæдарцаты Махарбег. Ныр дыккаг бон абитурентты æвзарынц алыхуызон фæлварæнтæй. Факультеты цы 10 лæвар бынаты рахай кодтой, уырдæм равзардзысты курдиатджындæр æмæ зæрдæргъæвддæрты. Бæлвырддæр радзурдзæн Калоты Дзерассæ. Цæсты фæныкъуылдмæ фестын тæрхъус, уæртджын хæфс кæнæ рувас. Уыимæ ма архайын æнæуынгæ дзауматимæ. Суинаг актертæн сæ фæлварæнты дыккаг къæпхæнмæ бацæттæ кодтой цымыдисаг хæслæвæрдтæ. Абитуриентты 'хсæн Уæлгæзты Эллæ. Каст фæци биологон факультет. Фæлæ йæ сабибонтæй фæстæмæ чызг йæхи уыдта сценæйыл. Ацы аз ын йæ бæллиц сæххæст кæнынæн фæзынд фадат. Фæлтæрдджын артистты ныхæстæм гæсгæ, фидæны ирон театрæн кад æмæ намыс чи скæндзæн, уыдонмæ хъæуы лæмбынæгæй кæсын. Ныр дыккаг бон сæрмагонд къамис, сæ курдиатæй уæлдай, бæрæг кæны фæсивæдæн сæ иумæйаг уагахаст ирон аивадмæ. Хъæугæ кадртæ театрæн цæттæ кæндзысты аивæдты факультеты. Æппæт хæрдзтæ йæхимæ райста æхсæнадон архайæг Хæдарцаты Махарбег. Æдæппæтæй рахай кодтой 10 лæвар бынаты. Ирон театры разамонæг Уалыты Гиви куыд зæгъы, афтæмæй ирон къордимæ æнгомæй архайдзысты театры артисттæ. Тагъд рæстæджы ирон театры артистты рæнхъытæ фидæны чи фæхъæздыгдæр кæндзæн, уыдоны нæмттæ бæрæггонд æрцæудзысты. Афтæмæй, театры репертуар æмæ авналæнтæ кæндзысты уæрæхдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv