Æнæбары йæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыцы адæм райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ
Æнæбары йæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыцы адæм райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры фыццаг хæдиваг Куыцыкты Анзор. Куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы хицауады кусæг къорды æмбырды рахастой уынаффæ хæстæгдæр рæстæг 120 бинонтæн цæрæнуæтты сертификаттæ сæрмагонд программæйы фæлгæты раттын. Уымæй уæлдай ма Кӕройнаг Цӕгатӕй 3 бинонтæн. Ацы аз æнæбары йæ цæрæнбынат чи ныууагъта, уыцы адæмæн федералон бюджетæй рахай кодтой 2 млрд сомы. Уый фадат ратдзæн 700 бинонтæн цæрæнбынæттæ самал кæнынӕн. Уыдонæй ныридæгæн 540-æй сертификаттæ райстой. 4 милуан сомы та рахай кодтой цӕгатаг адӕмӕн. Афтæмæй 3 бинонтæ хæдзæрттæ самал кæндзысты. Афæдзы кæронмæ ма рады баззайдзæн, æнæбары йæ цæрæнбынат чи ныууагъта, ахæм 500 адæймаджы. Уыдонæй 20 сты цӕгатагтӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæбары йæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыцы адæм райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ
Категория:
Новости и СМИ