Октябрьскæйы фæлладуадзæн бынæттæ цалцæггонд æрцыдысты
Октябрьскæйы фæлладуадзæн бынæттæ цалцæггонд æрцыдысты. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæй. Ацы проектыл бахардз кодтой 11 милуан сомы бæрц. Октябрьскæйы дыууæ фæлладуадзæн бынаты æмбæлгæ хуызы снывыл кодтой федералон проект «Формирование комфортной городской среды»-йы национ проект «Жильё и городская среда»-йы руаджы. Октябрьскæйы сæйраг паркы сног кодтой рухсдæттæн системæ, сæвæрдтой дзы бандæттæ æмæ бырондæттæ дæр. Сывæллæттæн дзы фæзынд хъазынæн бынат. Уымæй уæлдай ма фæлладуадзæн бынæтты ныр уыдзæн чысыл концертон программæтæ аразæн. Ис дзы сценæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрьскæйы фæлладуадзæн бынæттæ цалцæггонд æрцыдысты
Категория:
Новости и СМИ