Сабырдзинады проспекты архайынц рагон тыргъы рацарæзтыл
Сабырдзинады проспекты архайынц рагон тыргъы рацарæзтыл. Специалисттæ кусынц бæстыхайы фыццаг хуыз равзарыныл. Кæд сæ боныхъæд бауадза, уæд объект цæттæ уыдзæн 10 бонмæ. Куыстытæ æххæстгæнæг организацийы тыхтæй арæзт æрцыд быру, æрæмбæрзтой йын йæ сæр дæр. Афтæмæй халынц, хъыгдæрд цы хæйттæ сты, уыдон. Сæ бæсты дзы фæзындзæн ног æфсæн цæджындзтæ. Сараздзысты сæ, 100 азы размæ цы технологитæ уыд, уыдонæй пайдагæнгæйæ. Рагон тыргъы рацарæзтыл архайы компани «АРТ-ПРОЕКТ». Зæгъын хъæуы уый, æмæ объект уыд кæлæддзаг уавæры. Йæ хъайвантæ бамбыдысты, æфсæйнаг цæджындзтæ та сызгæ сты. Уыдис ын ныккæлынæй тас. Йӕ цалцæгæн фæрæзтæ нæ разынд нæдӕр бæстыхайы хицаумæ, нæдӕр горæты хицауадмæ. ________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv