Ацы мӕйы кӕрон фӕуыдзӕн федералон закъонмӕ гӕсгӕ социалон фиддонтӕ картӕ «МИР»-мæ раивыны хъуыддаг
Ацы мæйы кæрон фæуыдзæн федералон закъонмæ гæсгæ социалон фиддонтæ национ картæ «МИР»-мæ раивыны хъуыддаг. Ахæм домæн æвæрд æрцыд, йæ пенси банкоматы руаджы чи райсы, уыдоны раз. Почтæ кæнæ банчы хыгъдæй йæ пенси чи райсы, уыдон уæгъд сты ацы домæнæй. Картæ æмæ реквизиттæ баивыны тыххæй хъуамæ адæймаг Пенсион фондмæ бадæтта ахсджиаг бæрæггæнæнтæ. Пенси картæ «МИР»-мæ раивыны фæдыл, сæргонд «Пенси»-йы равзарын хъæуы пункт «Пенси бахæссыны тыххæй». Фæбæрæг кæнын хъæуы «Кредитон кусæндоны фæрцы», уый фæстæ та ног хыгъды бæрæггæнæнтæ хъæуы бахæссын æмæ курдиат Пенсион фондмæ арвитын. Уый кæндзæн фиддонтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацы мӕйы кӕрон фӕуыдзӕн федералон закъонмӕ гӕсгӕ социалон фиддонтӕ картӕ «МИР»-мæ раивыны хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ