Цæгат Ирыстоны астæуккаг профессионалон ахуырады уагдæтты райдыдта исæн кампани

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны райдыдта астæуккаг профессионалон ахуырадон уагдæттæм исæн кампани. Ног ахуырадон азмæ техникумты æмæ колледжты ис дыууæ минмæ ввахс бюджетон бынаты. Исæн кампани аххæсдзæн 15 августмæ. Куы бахъæуа уæд æй адæргъвæтин кæндзысты 25-æм ноябрмæ. Гæдиаты Аминæ фæнд кæны йæ цард медицинæимæ сбæттын. Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы 9 къласы каст куы фæци, уæд йæ гæххæттытæ медицинон хоты куысты хайадмæ балæвæрдта. Исæн кампани райдыдта 20 июны. Бонмæ медицинон колледж исы 36 абитуриенты онг. Сæхи ныффысынц рагацау. Æнæмæнг æххæст кæнын хъæуы социалон дистанци. Исæн кабинеты лæууы рециркулятортæ. Уый та уымæн, цæмæй коронавирусы инфекцийæ хи бахъахъхъæнын. Медицинон колледжы ис 5 хайады: дзæбæхгæнæн, акушерон, фармацевтон, лабораторон иртæстытæ, æмæ медицинон хоты архайд. Фæстаг хайадмæ ахуыр кæнынмæ цæуы æппæты фылдæр абитуриенттæ. Фæрниаты Арсен зоны фидæны цы куыст кæндзæн, уый. Йæ зæрдæмæ цæуы электрикы дæсныйад. Скъола – интернаты 9 азы фæахуыр кæнгæйæ, йæ гæххæтыттæ балæвæрдта Дзæуджыхъæуы политехникон техникуммæ. Куысты професситæ ныртæккæ нæ фаг кæны. Ацы аз техникумы фæзынд ног дæсныйæдтæ. Се хсæн – хæдтулгæты цалцæг, мобилон робототехникæ, барад æмæ социалон ифтонгдзинады архайд, хъæдæрмæгимæ куыст æмæ æндæртæ. Исæн къамисмæ курдиæттæ радтой 50 адæймаджы. Ацы ахуыр азæн республикæйы техникумтæ æмæ колледжтæн рахай кодтой 1 948 бюджетон бынаты. Абитуриентты исынц 9-æм æмæ 11-æм къласы аттестат райсгæйæ. Сæрмагонд æууæлтæм гæсгæ исынц йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыцы сывæллæтты. Астæуккаг профессионалон ахуырады бæстыхæйтты абон ссарæн ис æхсæнады кадавар чи сты, ахæм дæсныйæдтæ. Æрмæст хъæуы равзарын æмæ документтæ бадæттын. Исæн кампани аххæсдзæн 15 августмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv