Республикæйы сывæллæтты аивæдты галуаны скъоладзаутæн байгом сæрдыгон лагерь
Республикæйы сывæллæтты аивæдты галуаны байгом скъоладзауты сæрдыгон лагерь «Фидæн». Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ацы аз фылдæр сывæллæттæ æрбацыдис. Æдæппæтæй баисты 6 къорды, 8-14 аздзыд сывæллæттимæ. Лагерь байгом кæнынмæ сæхи тынг биноныгæй цæттæ кодтой. Лагеры фыццаг фæлтæры фæлгæты бацархайынвæнд кæнынц æфсæддон тематикæимæ баст туристон мадзæлтты. Араздзысты дзы сывæллæттæн алыхуызон цымыдисаг ерыстæ, æркастытæ, алыхуызон спортивон хъæзтытæ. Ам патриотон хъомылад тынг бæрзонд æвæрд у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикæйы сывæллæтты аивæдты галуаны скъоладзаутæн байгом сæрдыгон лагерь
Категория:
Новости и СМИ