Калоты Георгийы номыл турнир ацыд Дзæуджыхъæуы
Стъолыл хъазгæ теннисæй гом турнир сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Ссардтой дзы Калоты Георгийы ном. Архайдтой дзы колледжты æмæ техникумты студенттæ. Æдæппæтæй 50 адæймаджы. Калоты Георгий йæ рæстæджы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы. 18-аздзыд лæппуйæ, æфсады уæвгæйæ бахауд Афганистанмæ. Дыууæ азы фæстæ сыздæхт уæззау цæфтимæ, баззад æнæ къахæй. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст - æххуыс кодта ветерантæн, уыд æхсæнадон архайæг, куыста фæсивæды патриотон хъомыладыл. Калоты Георгий амард 2017-æм азы. Цы ахуыргæнæндон каст фæцис, уым æй абон дæр æрымысынц. Алы аз та 5 мартъийы, йæ гуырæнбоны сарадзынц номарæн мадзæлттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Калоты Георгийы номыл турнир ацыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ