Æрæфы районы æххæст кæнынц цымыдисаг зонадон проект
Хæххон хъæуты цæрæг сывæллæтты культурон цардимæ хуыздæр базонгæ кæнын. Æрæфы районы æххæст кæнынц «Художники - детям гор», зæгъгæ, проект. Равдыстытæ æмæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæй нывгæнджытæ сцыбæл кодтой аивдон скъолаты хъомылгæнинæгты. Махческы цы аивадон мадзал уыдис, уырдæм абалц кодта не сфæлдыстадон къорд. Ацы бонты Дыгургом ногæй суазæг кодта Уæрæсейы зындгонд дæсны нывгæнджыты. Уыдон Ирыстонæн канд йæ рæсугъд æрдз фенынмæ не`рцыдысты. Сæ зонындзинæдтæй сæ фæнды фæхай кæнын, Ирыстоны сабитæй нывкæнынады дæсныйады йæ фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн. Æрдзурын семæ нывкæнынады сусæгдзинæдтыл, равдисын сын аивады фæндæгæ. 2019 азæй нырмæ Уæрæсейы зындгонд нывгæнæг Абысалты Юрийы хъæппæрисæй Æрæфы районы æххæстгонд цæуы цымыдисаг зонадон проект «Художники - детям гор», зæгъгæ. Районы минæвæрттæ йын йæ хордзинады тыххæй стыр арфæ кæнынц. Мадзалы сæйраг нысан у æрыгон фæсивæды удварн фæхъæздыгдæр кæнын. Хъæугæ амынддзинæдтæй сын фæхай кæнын, уыимæ сæ дарддæр аивадон куыст кæнынмæ сразæнгард кæнын. Проект арæзт цæуы дыккаг хатт. Сæ фыццаг фембæлд ацыд хъæу Одолайы. Уæд дзы нымадæй дæс сывæллоны йедæмæ нæ уыд. Ныр мадзал фылдæр адæмы сцымыдис кодта. Махческы скъолайы кæрты æрæмбырд æппынкъаддæр 50 сывæллоны. Кæцыдæртæ дзы фыццаг хатт не`рбацыдысты, цымыдисæй кастысты фæлтæрдджын нывгæнджыты куыстытæм, æргом кодтой сæ хъуыдытæ. Дæсныйадæвдисæн ахуыртæ æмæ нывты равдыстæй уæлдай-ма сывæллæттæн балæвар кæндзысты нывгæнæджы сæрмагонд гæрзтæ. Уæдæ Махческы скъолайы къултæ та тагъд рæстæджы саив кæндзысты, проекты фæлгæты сын аивадон скъолайы минæвæрттæ цы цымыдисаг нывтæ балæвар кæндзысты, уыдон. Нывгæнджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ныв у æнкъарæнтæ ирдæй равдисыны фæрæз. Ирыстоны æрдз та гуырын кæны ирд фæлгонцтæ æмæ æнкъарæнтæ. Ам нывгæнæджы цæст ацахсы бирæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ бынæттæ. Уазджыты ’хсæн разынд ахæмтæ дæр, Ирыстоны æрдз фыццаг хатт кæмæн барухс кодта сæ зæрдæтæ. Уыдон се ’нкъарæнтæ фембæлды фæлгæты равдыстой сæ нывты руаджы. Сывæллонæй æргомдæр йе`нкъарæнтæ чи равдисдзæн? Уымæ гæсгæ сывæллæтимæ кусын уазджытæм кæсы уæлдай цымыдисагдæр. Проект дарддæр дæр æххæстгонд цæудзæн. Йæ аразджытæ та зæрдæ дарынц, архайджытæ фылдæрæй фылдæр кæй кæндзысты. Æмæ Цæгат Ирыстоны иннæ кæмттыл дæр кæй парахат кæндзæн сæ куыст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы æххæст кæнынц цымыдисаг зонадон проект
Категория:
Новости и СМИ