Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ арвыстой закъонхалджыты къорды уголовон хъуыддаг тæрхондонмæ
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ арвыстой, наркотиктæ чи парахат кодта, уыцы закъонхалджыты къорды уголовон хъуыддаг тæрхондонмæ. Уæй кодтой тыхджын зианхæссæг буаргъæд «Прегабалин». Слестгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы 3 цæрæджы 30-æй 40 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ парахат кодтой, закъон зилдухы кæй нæ уадзы, уыцы хос. Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæг сæ пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой. Бынаты сæ куы басгæрстой, уæд сæм ссардтой «Прегабалин»-ы бирæ тыхтонтæ. Фæнд ма кодтой, сæ кондад куы ауæй уа, уæд æхцатæ закъонмæ гæсгæ сæ дзыппы æрыфснайын. Бынтысти сын 2 милуан сомы ахæм хуызы «сног» кæнын. Уый та хауы Уголовон кодексы хицæн егъау уацмæ. Ныр уымæ гæсгæ æмæ 234-æм уацмæ гæсгæ, закъонхалджытæм кæсы ахæстоны фæбадыны тæрхон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ арвыстой закъонхалджыты къорды уголовон хъуыддаг тæрхондонмæ
Категория:
Новости и СМИ