РЦИ Аланийы æнæнхъæлæджы цауты управленийы кусæг сылгоймæгтæн арфæ ракодтой 8 мартъийы бæрæгбоны фæд
Æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварсгæнæг службæты кусын сæ бон у æрмæстдæр нæлгоймæгтæн. Афтæ хъуыды кæнынц æхсæнады. Фæлæ нæ дарддæр æрмæджы хъайтары цæстæнгас та бынтон æндæр у. 10 азæй фылдæр Чъыбызты Иринæ адæмы аирвæзын кæны, исты æвæстиат цаутæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ куы `рцæуы, уæд. Министрады фидарæй зæгъынц, сылгоймæгтæ сæ куыст фылдæр хатт ноджы бæстондæр кæй фæкæнынц. Æвæстиаты службæйы номыр 101 се 'ппæтæн дæр зонгæ у. Æрвылбон сæ куыст кæнынц æнæ къуылымпыйæ. Сæ размæ æвæрд хæсмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Рад хæссынц алы бæрæгбоны дæр. Æнæнхъæлæджы цауты министрады управленийы 10 азмæ Чъыбысты Иринæ райста мингай курдиæттæ, зæгъæн ис æмæ фервæзын кодта сæдæгай царды. Ирвæзынгæнджыты архайд у къордгай. Æнæнхъæлæджы цау, æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ, кæнæ зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл архайынц иумæ. Ахсджиаг у аххосæгтыл бакусын, цæмæй фидæны мауал æрцæуой, ууыл бакусын. Уыцы куыст ис зынгхуыссынгæнæн хайады инспекторты бæрны. Къæрцхъус, лæмбынæг æмæ арæхстгай архайд. Уыимæ хатгай сылгоймæгтæ аххосæгтæ сбæрæг кæнынмæ разынынц нæлгоймæгтæй сæрæндæр. Сылгоймæгты æппæтдунеон бон, бæрнон куысты фæдыл арфæйы ныхæстæ управленийы кусджытæн зæгъынц се 'мкусджытæ дæр. Ирвæзынгæнджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, æндæр специалисттæ - сты æцæг профессионалтæ сæ дæсныйады. Канд хуымæтæг адæмы нæ ирвæзын кæнынц, фæлæ ма æххуысы къух бадарынц кæрæдзимæ дæр. 8 мартъийыл сæмбæлдысты мидбылхудгæйæ. Сæ куыстыл уый нæ ахады, уæвгæ сæ зæрдæйы ахаст ацы бон вæййы уæлдай æхсызгондæр. Брытъиаты Феликс _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ Аланийы æнæнхъæлæджы цауты управленийы кусæг сылгоймæгтæн арфæ ракодтой 8 мартъийы бæрæгбоны фæд
Категория:
Новости и СМИ